Уалдзаг сочинение на осетинском языке

Обновлено: 11.03.2023

Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.

Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.

Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.

Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.

Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ‘рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.

…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ‘хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…

Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр …

Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.

Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Наступила весна Ралæууыд уалдзæг

Описание презентации по отдельным слайдам:

Наступила весна Ралæууыд уалдзæг

Наступила весна Ралæууыд уалдзæг

Природа пробуждается Æрдз райхъал ис

Природа пробуждается Æрдз райхъал ис

Появляются проталины Фæзындысты тадзынджытæ

Появляются проталины Фæзындысты тадзынджытæ

Тянутся к солнцу первые цветы Хурмæ сæхи ивазынц фыццаг дидинджытæ

Тянутся к солнцу первые цветы Хурмæ сæхи ивазынц фыццаг дидинджытæ

Расцветают подснежники Малусджытæ ракалдысты

Расцветают подснежники Малусджытæ ракалдысты

На деревьях начинают набухать и лопаться почки Балæсты къалиутыл фæзындысты к.

На деревьях начинают набухать и лопаться почки Балæсты къалиутыл фæзындысты къуыбыртæ

Всё начинает цвести Бæстœ дидинæг фестади

Всё начинает цвести Бæстœ дидинæг фестади

Журавли прилетели Хърихъуппытӕ ӕртахтысты

Журавли прилетели Хърихъуппытӕ ӕртахтысты

Краткое описание документа:

Раллаеууыд уалдзаег аемае аердз райхъал.Баелаестае сыфтаер рафтыдтой,баестае дидинаег фестадис. Базмаелыдысты зайаегойтае-заеххы фидауц.Фаезты фаезындис малусаег,хъаедты та-бур дидинджытае.Хъарм баестаей аертахтысты маергътае,аемае сае цъыбар-цъыбураей байдзаг сты каемттае.Раесугъд гауызтаей бамбаерзта быдыртае къаппа-къуппа.

Рагуалдзаег райгае аерцыди,

Ногаей та сулаефыд заехх.

Малусаег фаезты фаезынди,

Каердаегаей къуылдым фаецъаех.

Хур наем йаетынтае нываенды,

Цъитийаен батаефст йае фарс.

Аууоны бадын каей фаенды!-

Рахызт йае лаегаетаей арс.

  • подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • по всем предметам 1-11 классов

Курс повышения квалификации

Охрана труда

  • Сейчас обучается 124 человека из 45 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Охрана труда

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

  • ЗП до 91 000 руб.
  • Гибкий график
  • Удаленная работа

Дистанционные курсы для педагогов

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

5 602 707 материалов в базе

Самые массовые международные дистанционные

Школьные Инфоконкурсы 2022

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Другие материалы

Оставьте свой комментарий

  • 16.02.2015 1278
  • PPTX 2 мбайт
  • 6 скачиваний
  • Оцените материал:

Настоящий материал опубликован пользователем Аршиева Зарема Зелимхановна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

Автор материала

40%

  • Подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • Для учеников 1-11 классов

Московский институт профессиональной
переподготовки и повышения
квалификации педагогов

Дистанционные курсы
для педагогов

663 курса от 690 рублей

Выбрать курс со скидкой

Выдаём документы
установленного образца!

Учителя о ЕГЭ: секреты успешной подготовки

Время чтения: 11 минут

РДШ организовало сбор гуманитарной помощи для детей из ДНР

Время чтения: 1 минута

В Белгородской области отменяют занятия в школах и детсадах на границе с Украиной

Время чтения: 0 минут

Минобрнауки и Минпросвещения запустили горячие линии по оказанию психологической помощи

Время чтения: 1 минута

Инфоурок стал резидентом Сколково

Время чтения: 2 минуты

Школьник из Сочи выиграл международный турнир по шахматам в Сербии

Время чтения: 1 минута

Минпросвещения России подготовит учителей для обучения детей из Донбасса

Время чтения: 1 минута

Подарочные сертификаты

Ответственность за разрешение любых спорных моментов, касающихся самих материалов и их содержания, берут на себя пользователи, разместившие материал на сайте. Однако администрация сайта готова оказать всяческую поддержку в решении любых вопросов, связанных с работой и содержанием сайта. Если Вы заметили, что на данном сайте незаконно используются материалы, сообщите об этом администрации сайта через форму обратной связи.

Все материалы, размещенные на сайте, созданы авторами сайта либо размещены пользователями сайта и представлены на сайте исключительно для ознакомления. Авторские права на материалы принадлежат их законным авторам. Частичное или полное копирование материалов сайта без письменного разрешения администрации сайта запрещено! Мнение администрации может не совпадать с точкой зрения авторов.

Презентация по осетинскому языку на тему

Презентация к уроку осетинского языка на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!» .Несколько физминуток с музыкальными вставками. Словарный диктант из картинок, что очень нравится детя. В презентации грамматической темой является «Части речи». Дети сами благодаря презентации называют тему урока. Вопросы (карточки) принесенные ласточкой.

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Презентация по осетинскому языку на тему

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Презентация по осетинскому языку на тему

Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр, Ирон ӕвзаг райгуырдис дисӕн: Цӕмӕн кӕнӕм не’взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр? Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн! / Хуыгаты Мырзабег/

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Презентация по осетинскому языку на тему

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Презентация по осетинскому языку на тему

Уалдзæг Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты, Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх. Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты, Ногӕй та сулӕфыд зӕхх. Бӕлас фӕхъал и йӕ къуыбӕрттӕй. Хъуысы нӕ дӕтты сӕр-сӕр. Дымгӕ ыскъӕфы нӕ быдыртӕй Тракторы араугӕ хъӕр.

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Презентация по осетинскому языку на тему

Уалдзæг Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты, Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх. Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты, Ногӕй та сулӕфыд зӕхх. Бӕлас фӕхъал и йӕ къуыбӕрттӕй. Хъуысы нӕ дӕтты сӕр-сӕр. Дымгӕ ыскъӕфы нӕ быдыртӕй Тракторы араугӕ хъӕр.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Разработка урока по теме » Весна»для учителей осетинского языка работающих группах изучающих осетинский язык как второй.

Тема: Уалдзаг

Урочы нысан: 1.Рацыд ӕрмӕг бафидар кӕнын;

2.Монологон ӕмӕ диалогон ныхасы куыст;

3.Рӕзын кӕнын уарзондзинад ӕрдзмӕ;

Æрдз хъахъхъаныны мадзалттӕ.

Урочы фӕлгонц: бӕрӕггӕнӕн сыф , карточкӕтӕ, интерактивон фӕйнӕг,.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг:

а) Дзæнгæрæг ныццагъта,( слайд1)

Мах ирон æвзагыл

Базонӕм исты ног.

Салам раттӕм на уазджытӕн.

æ) Чи зӕгъдзӕн абон цы бон у? ,( слайд2)

Абон у цыппӕрӕм. ( Сегодня четверг.)

Знон уыди артыццаг. (Вчера была среда.)

Райсом уыдзан майрамбон.(Завтра будет пятница.)

Чи ранымайдзӕн куырийы бонтӕ?

Ранымайӕм ма афӕдзы афонтӕ (Зымӕг — зима ,уалдзӕг – весна, сӕрд — лето, фӕззӕг – осень)

Цавæр афæдзы афон у ныртæккæ?

Роза — уарди, зырзырӕг — мак, малусӕг — подснежник, дзывылдар трясогузка, ӕрвдидинӕг — василёк, мырмырӕг- колокольчик.

Ссарын кроссворды уӕлдай дзырд .

Чи базыдта сӕйраг дзырд? Бакӕстут ма йӕ. ( слайд 5)

Абон нам уазагуаты арбацыди Уалдзаг .Мах дзурдзыстам ама касдзыстам уалдзаджы тыххай.Цамай йын махима хъалдзаг уа уый тыххай йын азарам зараг.

3.Фонетическая зарядка . ,( слайд 6)

Бӕласӕй ныззарыд цъиу,

-Уалдзӕг, уалдзӕг, тавы хур,

Ацы рттиваг, цыма, циу?

-Лӕппын сыфыл кафы хур…

4.Ног ӕрмӕгыл куыст.( слайд7)

«Наступила весна. Ралаууӕыд уалдзаг.

Проснулась природа. Æрдз райхъал.

Снег тает от тепла солнечных лучей. Хуры тынтӕм тайы мит.

Появились первые цветы-подснежники. Фазындысты фыццаг дидинджыта-малусӕгтӕ.

Весной празднуем женский праздник. Уалдзаджы бӕрӕг кӕнӕм сылгоймӕгты бӕрӕгбон. Ребята поздравляют мам и бабушек. Сывӕллӕттӕ арфӕ фӕкӕнынц сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ са нанатӕн.

5.Развитие навыков и умений монологической речи.

Чиныгимӕ куыст. ( слайд 8)

Байгом ма кӕнут уӕ чингуытӕ.Æркӕсут ма нывмӕ иу хатт 6.Хинымӕр каст.

7Физминутка,( слайд 9)

8.Цӕггай каст хъӕрӕй.

9.Совершенствование лексических навыков учащихся.

Хъуыдыйады дзырдтӕ сӕвӕрын. ( слайд10)

10.Текстимӕ куыст. ,( слайд11)

Ралӕууыд ……. . …… мӕргътӕ. Сӕхицӕн бӕлӕстыл…….. .

Лӕвар сын кӕнынц … уардитӕ , малусӕгтӕ , джыджынатӕ.

8.Къӕйтты куыст : ,( слайд12)

1ныв. Цавар афадзы афон у нывы?

Нывы ӕвдыст цауы уалдзӕг.

2ныв. Куыд аивта ӕрдз уалдзӕджы ӕрцыдимӕ?

Хуры тынтам мит тайы.

3 ныв. Цы ми канынц мӕргътӕ?

Мӕргътӕ аразынц ахстӕттӕ.

4 ныв. Цавӕр уалдзыгон дидинджытӕ фӕзынд?

Фӕзындысты малусӕгтӕ — фыццаг дидинджытӕ.

5 ныв. Цавӕр бӕрӕгбон бӕрӕг каннӕм уалдзаджы фыццаг ?

Фыццаг уалдзыгон бӕрӕгбон у мадӕлты бон.

9.Тетрӕдты куыст.

Дзуаппытӕ фыссӕм тетрӕдты. Алы къай дар фыссы йӕхи хъуыдыйад тетрады.

(Резерв)

10. Ныр та нӕ уазджытӕн радзурдзыстӕм уалдзӕджы тыххӕй цы ӕмдзӕвгӕтӕ сахуыр кодтам, уыдон. ( слайд13)

Урочы хатдзагтӕ .

11. Нӕ зонындзинӕдты уыгӕрдӕн.(релаксация) ,(слайд14)

Мах абон бирӕ дзырдтам уалдзӕджы тыххӕй. Ныр та нӕ урокӕн хатдзӕгтӕ скӕнӕм. Кӕд урок уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ ног ӕрмӕг тынг хорз бамбӕрстат уӕд фӕйнӕгыл ныхасӕм бур дидинӕг. Кӕд урочы ног ӕрмӕг тынг хорз нӕ бамбӕрстат, уӕд фӕйнӕгыл ныхасӕм кӕрдӕгхуыз ӕмӕ сырх дидинджытӕ.

Ракӕсут ма, сабитӕ, цы рӕсугъд уыгӕрдӕн нын рауадис! Ацы уыгӕрдӕн у уӕ зонындзинӕдты ӕвдисӕн!

Читайте также:

      

  • Сочинение на тему как я провожу время с мамой
  •   

  • Путешествие по карте мира сочинение
  •   

  • Это все мне родное и близкое мини сочинение
  •   

  • Написать сочинение на тему мое любимое произведение пушкина кавказский пленник
  •   

  • Сочинение по картине глазунова плес 7 класс



Скачать материал



Скачать материал

  • Сейчас обучается 25 человек из 13 регионов

  • Сейчас обучается 166 человек из 48 регионов

  • Сейчас обучается 898 человек из 81 региона

Краткое описание документа:

Фæсурокты куысты хуыз

равдыст

«Æрцыд ныллæууыд уалдзæг»

Ахуыргæнæг   Тахъазты Л.В.

Дзæуджыхъæу.  27-æмскъола.

Равдысты нысан:

1. Скъоладзауты бæлвырддæр базонгæ кæнын ирон фысджыты æмдзæвгæтимæ уалдзæджы тыххæй.

2. Скъоладзауты, сатирикон равдысты руаджы, бæстондæр æфтауын мадæлон æвзагыл.

Равдысты фæлгонц:

Ирон фысджыты æмдзæвгæтæ (Цæрукъаты В., Хетæгкаты Къ., Нигер, Плиты Х…), ирон фæндыр, ирон кафджытæ.

Архайджытæ: 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ.

I. Ахуыргæнæджы разныхас.

Рагуалдзæг… Цы ма уа уымæй цымыдисагдæр! Æнæвдæлон хур бирæ раздæр скæсы, ныррухс дын кæны дæ уат, бон зытæ фæдаргъдæр, æхсæв бæрæг фæцыбырдæр.

Æмæ цас надзинæдтæ æрхæссы йемæ, уый та! Хуссæртæ стæфсынц, мит атайы.

Æмæ куыд диссаг у, кæрдæджы цъæх судзин йæ был куы сдары, бæласы къуыбыр куы атъæпп ласы, цъиутæ куы ныззарынц сæ цины зарæг, фыццаг дидинджытæй бæстæ куы сфидауы, уæд!

Абон мах фæнды сымахæн равдисын, куыд зонæм æмдзæвгæтæ кæсын, куыд хъазæм сценæйы.

II. Равдыст.

Хъуысы фæндыры цагъд. Лæппу æмæ чызг кафынц уæздан кафт “Хонгæ”.

1-аг ахуырдзау.

Тæргæйтты мæй у уалдзæджы фыццаг мæй. Ирон адæм дзы сæ ком кæй бастой, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой комбæттæны мæй. Хуыдтой ма йæ комдарæны кæнæ мархойы мæй дæр.

Тæргæйтты мæй, зæгътæ, афтæ йыл хуыздæр фидауы. Уымæн, æмæ мартъийы бон цалдæр хатты йæ хуыз аивы — куы рауары мит, куы ракæсы хур, куы æрбаталынг вæййы, куы радымы. Тæргайгæнагау вæййынц йæ митæ æмæ йыл уымæ гæсгæ ном дæр раст сæвæрдтой: тæргæйтты мæй.

Уалдзæг æрцыди, æрбакаст

Дзагцæстæй рудзгуытæм хур.

Зымæг фæлидзæг… Фæндараст.

Рухс уалдзæг, тынгдæр æй сур.

2-аг ахуырдзау. Рагуалдзæг.

Рагуалдзæг райгæ æрцыди,

Ногæй та сулæфыд зæхх.

Малусæг фæзты фæзынди,

Кæрдæгæй къуылдым фæцъæх.

Хур нæм йæ тынтæ нывæнды,

Цъитийæн батæфст йæ фарс.

Аууон бадын кæй фæнды!

Рахызт йæ лæгæтæй арс.

Цæгæтты арф миттæ тайынц,

Райдыдтой дæттæ сæр — сæр.

Бæлæстæй маргътæ ныззарынц,

Арв та ныннæрыд кæмдæр.

3-аг ахуырдзау. Чи дæ?

Хур арæхдæр тавы,

Ысулæфыд зæхх,

Сæгъ хъæмпæй нæ давы,-

Нæ хуссæртæ — цъæх.

Фæмил вæййынц хæхтæ

Фæбур вæййы дон.

Æртæхынц нæм мæргътæ,

Фæтынг вæййы бон.

Фæзыны гæлæбу…

Зынг фесты зæрдæ.

Гъе — мардзæ нæ лæппу!

Цы фæдæ, кæм дæ?!

4-аг ахуырдзау. Уалдзæг.

Мит тайы, их сайы,

Фæхъулон ис зæхх:

Йæ цæгат фæзайнад,

Йæ хуссар фæцъæх.

Йæ фæдыл нæ хъæдыл

Фæхæцыд сыфтæр;

Нæ хуымтæ — кæндытæ,

Нæ ласæн — цъыфдæр.

Цырд лæппу гæлæбу

Æрцахста… Зæгъ ын:

Нæ уалдзæг — дæ уазæг,

Ныууадз æй цæрын!

5-аг ахуырдзау. Æрцыд, ныллæуыд уалдзæг.

Æрцыд, ныллæуыд уалдзæг,

Æрцыд, ныллæуыд май.

Æрцыд нæ уарзон уалдзæг,

Ныллæуыд диссаг май.

Фыдуаг рæстæг фæфæстæ,

Фыдуаг зымæг фæци.

Нæ къуылдымтæ, нæ фæзтæ

Ысфæлыстой сæхи.

Рæвдауы хур, æрттивгæ…

Йæ рухс тын у фæлмæн.

Фæйлауы уддзæф зилгæ,

Нæуæг сыфтæрты ‘хсæн.

Ныззарыд цъиу йæ зарæг,

Фыр цинæй зары уый.

Тæхудиаг, нæ уалдзæг!

Дæуæй хуыздæр кæм и?!

/I-аг куплет/

6-аг ахуырдзау. Уалдзæгмæ балцы.

Мит нæ фæзты нал и,

Фæндаг дæр фæсæу.

Хъæугæроны малы

Бабыз фестад нау.

Æз æрцахстон армæй

Рог дымгæйы барц…

Уалдзæджы хæзнатæм

Акæнон мæ балц!

1-аг ахуырдзау.

Куыд æй зонæм, афтæ уалдзæджы райдайынц быдырты æмæ цæхæрадæтты куыстытæ.

7-аг ахуырдзау. Фæллой.

Цæй æмæ куыстафон

Ма кæнон æнцой.

Царды тынтæ уафон

Царды тын — фæллой.

Уалдзæг миттæ тайгæ,

Даргъ куы кæна бон,

Хъуамæ уæд æз райгæ

Исты куыст кæнон!

Ахæм царды райсынц

Адæм, зæхх — сæ рад.

Ахæм афон кусæг

Нал фæбады ‘нцад…

Карк, æндæрæй — мæргътæ

Цоты кой кæнынц.

Хъомтæ, фыстæ, сæгътæ,

Фос нын ног дæттынц.

Булкъ, хъæдындз, цæхæра

Раттынц адджын ад.

Райгæ сæ фæхæра

Бакусæг… Фæллад…

Се ‘ппæт дæр æнцагæ

Нал фæкæнынц, зон-

Афтæ кусгæ, райгæ

Хъуамæ æз кæнон!

2-аг ахуырдзау.

Тæргæйтты мæйы æстæм бон, куыд æй зонæм афтæ, у Æппæт дунейы сылгоймæгты бæрæгбон. Уыцы бон арфæ ракæнæм нæ мадæлтæн, нæ нанатæн, нæ хотæн, нæ ахуыргæнæгæн, нæ къласы чызджытæн.

8-аг ахуырдзау. Мæ нана.

Нæу мæнæн мæ бон зæгъын,

Цас уарзын нанайы,

Фыны дæр йæ фæлмæн худт

Цæстытыл фæуайы.

Зымæгмæ мын бавары

Чырыны фæткъуытæ,

Хъулон хъæдуртæй мæнæн

Саразы фæрдгуытæ.

9-аг ахуырдзау. Æцæг аргъау.

Нана мын — иу аргъау

Мæ хуыссæнмæ кодта:

“Дæсны лæг йæхицæн

Цъæх базыртæ скодта.

Цъæх айнæджы цъупмæ

Ысхызти æдæрсгæ.

Гъе уырдыгæй атахт

Хох — кæмттыл фæлгæсгæ…”

Нана нын кæсын дæр,

Фыссын дæр нæ зыдта.

Мæ къухыл хæцгæ мæ

Уый скъоламæ схуыдта…

Мæ кæстæрты авдæн

Нана ныр фæузы.

Фæкæсын газеты-

Нана мæм фæхъусы.

Фæзæгъын: “Æцæгмæ

Куы раздæхст дæ аргъау,

Йæ алыварс Зæххæн

Æрзылдыстæм маргъау.

Уæлæрвытæм тæхæн нау-

Сырхбазыр ракетæ.

Куыд арæзт у дуне,-

Нæхи цæстæй федтам.

Нæ тæрсæм æрвзæйæ,

Тымыгъæй, дымгæйæ…

Æрæджы фæстæмæ

Æртахтыстæм Мæйæ…”

10-аг ахуырдзау. Мадмæ.

Бирæ фæрæвдыдтай,

О, гыцци, мæн,

Арæх — иу аргъæуттæ

Кодтай мæнæн.

Хъарм иу мæ бамбæрзтай,

Хур мæ хуыдтай.

“Ахуысс мын, айрæзмын!”-

Заргæ дзырдтай.

Буцæй дæ хъæбысы

Схастон мæ рæз.

Ракæс ма, абон дын

Ногдзау дæн æз!

Уарзын мæ чингуытæ,

Уарзын мæ хъæу.

Уарзын фыдыбæстæ.

Уарзын æз дæу.

11-аг ахуырдзау. Мæ мадмæ

Мæ уарзон бæрзыты æрдузы

Фæнды мæн улæфын æдзух,

Ныр дæр ма авдæны фæузы

Мæн уым, мæ ныййарæг, дæ къух!..

Дæ радыгъд сау хъуджы æхсырæй

Мæ уæнгтæ барог вæййынц уым.

Æмæ йæ фынчыты сыр — сырæй

Цыдæр æрбавæййы мæ зын.

Дæ ныссагъд дидинджытæ зонынц

Мæ зæрдæ схъарм кæнын мæнæн;

Дæ лыстæг къахвæндæгтæ хонынц

Нæ хосгæрстмæ æнцадгай мæн.

Най а-зæххыл мæнæн хæсдарæг,

Зæдтæ ‘мæ мын хуыцау дæр нæй,

Фæлæ мæ урс дзыкку ныййарæг…

Репкæ.

Раджы-ма, раджы, иу мæгуыр хæдзары, царди æмæ уыди иу лæг Булкъо, æмæ йæ ус Булкъæ. Мæгуыр цард нæ кодтой, фæлæ лæгмæ иуæй-иу хатт хæрын цыди.

дед: -Цыдæр ххормаг дæн, æмæ цы бахæрон уый нæ зонын.

             -Булкъæ, Булкъæ!

баб: -Ай дæ сæр дæ быны фæуа, цæуыл та хъæр кæныс, уый ма зæгъ?!

дед: -Ауай, исты хæринаг мын фен!

баб: -А-а, хæринаг йæ æрхъуыди. Уæртæ абондæргъы цы репкæйыл куыстай, уый цу æмæ бахæр! Мæнæ кæнмæ цæрын, мæнæ мæ бон дзы нал у, мæ бон!

дед: -Æмæ уæм уый цы диссаг кæсы, æз репкæйæ фылдæр куы ницы уарзын. Мæ ном дæр Булкъо хуыйны. Цæуон æмæ репкæ ахæрон.

-Мæнæ цæййас репкæ æрзади, ай дæ хуыздæры фæуа! [рахæцы, рахæцы æмæ йын нæ комы]

-Дæ сæр дæ быны фæуа. Иунæгæй ницы бакæндзынæн.

-Булкъæ, Булкъæ! Рацу репкæйыл рахæц.

/бабкæ рауайы æмæ репкæйыл рахац-рахац кæны/

баб: -Ааай цы диссаг у?

дед: -Æмæ афтæ кæд федтай?! Мæнæ кæс. Дедкæ репкæйыл, ды та мæныл.

автор: -Рахæцынц-бахæцынц, рахæцынц-бахæцынц уый та нæ комы.

дед: -Булкъæ, чызг та кæми?

баб: -Мæ йын цы зонын, уæртæ цыдæр кино æрбахаста æмæ йæм кæсы.

дед: -Цавæр кино?

баб: “Титаник” цыдæр йæ схуыдта.

дед: -Ныууадз ма “Титаник”-тæ æмæ бадзур ма йæм.

баб: -Чызг, о чызг!

внуч: -Цы хабар у? Киномæ кæсын дæр мæ куы нæ уадзут, уæд уый цы хабар у?!

баб: -Рауай, мæнæ рахæцæм.

внуч: -Ох, æмæ цæуыл хъæуы хæуын?

баб: -Мæнæ репкæйыл.

автор: -Внучкæ бабкæйыл, бабкæ дедкæйыл, дедкæ репкæйыл. Рахæцынц-бахæцынц, уый та нæкомы.

внуч: -Искæмæ ма бадзурон хъæуы.

баб: -Кæмæ ма дын бадзурон? Мæ куыдзмæ ма дын бадзурон?

дед: -’Мæ уæм уый цы диссаг кæсы, куыдз дæр истæуыл рахæццæн.

-Жучкæ, Жучкæ, кæм дæ?

куыдз: -Гав-гав, чи мæм дзырдта?

дед: -Рацу, мæнæ репкæйыл рахæц.

автор: -Жучкæ внучкæйыл, внучкæ бабкæйыл, бабкæ дедкæйыл, дедкæ репкæйыл. Рахæцынц-бахæцынц, уыц та нæ комы.

куыдз: -Ныртæккæ мæ падружкæмæ бадзурдзынæн.

дед: -Цæвæр падружкæмæ?

куыдз: -Гæдымæ.

баб: -Цæвæр гæдымæ?

куыдз: -Мæ-анямæ.

  -Маня, Маня, Маня, Маня.

гæды: -Мя-ау. Цы та кæныс мæ урс уæрыкк. Мæ зæрдæ та мын куы ахъыдзы-хъыдзы кодтай.

куыдз: -Рауай, мæнæ репкæйыл рахæцын хъæуы.

гæды: -Мяу, фæцæуын.

автор: -Гæды Жучкæйыл, Жучкæ внучкæйыл, внучкæ бабкæйыл, бабкæ дедкæйыл, дедкæ репкæйыл. Рахæцынц-бахæцынц, уый та нæ комы.

баб: -Ацы лæгæй мæ бон нал у. Алы хатт дæр цыдæр проблемæтæ хъуыды кæны, стæй та вся семья страдает.

мыст: -Салам фæссивæд! Куыд стут, цы стут?

дед: -Мæнæ нæм иу куыст ис æмæ йыл архайæм.

мыст: -Ама, цавæр куыстаг уæм ис? /хæстæг бацæуы репкæмæ æмæ йæм ‘ркæсы/

-О-о, мæнæ цæййас булкъ æрзайын кодтой. Хъусут-ма, æз “Сельхоз”-ы ахуыр кодтон æмæ уæм æз фæкæсдзынæн.

-Мæнмæ хъусут.

Дедкæ репкæйыл хац, бабкæ ды та дедкæйыл. Чызг, о-о, йæ гыццыл нистæ йын ахæрой, бабкæйыл.

Дæуæн та дæ ном цы хуыйны?

куыдз: -Жучкæ.

мыст: -Е-е, куыдзы лæппын, цæртæ уæдæ внучкæйыл хæц.

-А-а, дыдæр та ам дæ?

гæды: -Уæ-æдæ.

мыст: -Куыдзыл хæц уæртæ.

Фидар хæцут?

иуылдæр иумæ: -О-о.

мыст: Рахæцут. Федтат, ирон адæм сæ кæрæдзиуыл æнгом баст куы уой, уæд цард дæр размæ хуыздæр цæуы.

Равдысты кæрон чызг æмæ лæппу кафынц “Кæсгон” кафт.

III. Кæронбæттæн.

Адæймаг — æрдзы хъæбул. Йæ зондджындæр хъæбул. Æмæ хъуамæ зонæм не сфæлдисæг æрдз, зонæм æй æмæ йыл аудæм. Уый уын стыр ахъаз уыдзæн уæ ахуырады дæр, уæ дарддæры царды дæр.

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 156 906 материалов в базе

  • Выберите категорию:

  • Выберите учебник и тему

  • Выберите класс:

  • Тип материала:

    • Все материалы

    • Статьи

    • Научные работы

    • Видеоуроки

    • Презентации

    • Конспекты

    • Тесты

    • Рабочие программы

    • Другие методич. материалы

Найти материалы

Другие материалы

  • 28.01.2015
  • 929
  • 0
  • 28.01.2015
  • 1204
  • 1

«Математика», Никольский С.М., Потапов М.К., Решетников Н.Н. и др.

  • 28.01.2015
  • 1100
  • 0
  • 28.01.2015
  • 1550
  • 11
  • 28.01.2015
  • 1073
  • 1
  • 28.01.2015
  • 768
  • 1

Презентация по осетинскому языку на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!»

Оценка 4.6

Презентация по осетинскому языку на  тему "Уалдзæг у царды райгуырæн!"

Презентация к уроку осетинского языка на тему «Уалдзæг у царды райгуырæн!» .Несколько физминуток с музыкальными вставками. Словарный диктант из картинок, что очень нравится детя. В презентации грамматической темой является «Части речи». Дети сами благодаря презентации называют тему урока. Вопросы (карточки) принесенные ласточкой.

Материалы на данной страницы взяты из открытых истончиков либо размещены пользователем в соответствии с договором-офертой сайта. Вы можете сообщить о нарушении.

Темæ: «Уалдзæг»

Нысантæ: Сывæллæтты базонгæ кæнын сюжетон нывмæ гæсгæ уалдзæджы æмæ æрдзы ивддзинæдтимæ .

Ахуыр кæнын фарстатæн раст дзуаппытæ дæттын.

Сабиты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад куыстмæ, æххуыс кæнын хистæртæн.

Дзырдуатон бакуыст: къуыбар, хуры тын, цъупп, бын, зæхх.

Мырон бакуыст: мыр «цъ»

Æрмаг: Сюжетон ныв «Уалдзæг», компютерон фæрæзтæ, цæрæгойты æмæ зайæгойты нывтæ, халсар-хъæдындз.

(Сабитæ залмǽ бацыдысты музыкǽйы зǽлтимǽ).

Сабитæ , мæнæ нæм цас уазджытæ æрбацыд! Салам ма сын раттæм! (Уæ бон хорз!). Ныр та базонут æмæ зæгьут, цавæр афæдзы афоны тыххæй у, уыци- уыци?

Миттæ тайынц, дæттæ уайынц,

Хуры тынтæ тавынц зæхх.

(Уалдзæг)

Уæдæ ма зæгьут, мæнæ ацы нывы та цы уынут?

(хур касы, æртахтысты цъиутæ, бæлæстæ рафтыдтой къуыбар…. )

Тынгхорз! Æмдзæвгæ та чи бакæсдзæн уалдзæджы тыххæй?

Уалдзæг. Цæрукъаты Валодя.

1с. Атадысты миттæ

Бахъæлдзæг ис бон

Ихæй арæзт хидтæ

Фестадысты дон

2с. Хуссæртты фæзынди

Цъæх-цъæхид кæрдæг

Гæлæбу æрзылди

Йа алыварс цæрдæг.

Уалдзæг. Уалдзæг, уалдзæг нæм æрцыди, Бæлас рафтыдта сыфтæр

Мæнæ гоппон цъиу фæзынди

Хъусы суадæтты сыр-сыр.

Уалдзæг.

Худы уалдзæг махмæ

Бахъарм зæхх ныр дæр

Бахъæлдзæг ис хурмæ

Дидинты быдыр.

Тынг хорз бакастыстут æмдзæвгæтæ.Сабитæ, мæнæ фæйнæгыл та цыуынут? (тымбыл) Æмæ цавæр хуыз у?

Цæй хуызæн уæм кæсы?(Хуры). Цыдæр нын зæгьынмæ хъавы! Байхъусæм ма йæм!

Æз дæн уалдзыгон хур, мæ тынтæ арвыстон, цæмæй зæхх бахъарм каной æмæ мын фесæфтысты! Уæ хорзæхæй, баххуыс ма мын кæнут ссарынмæ. Сабитæ, хурæн æтынтæй хъарм нæ дæтты.

Фæнды уæ хурæн баххуыс кæнын? Уада ма сыстут æмæ уал нæ уæнгтæ айвазæм.

Физминутка.

Къухтæ хæрдмæ сивазæм

Къахфындзтыл слæууæм

Хурмæ нæхи батавæм.(2-3 хатты)

Цомут,ныр сæ ацагурæм! Мæнæ ма кæсут, cсардтам сæ! Ис дзы фыстæг! Бакæсæм ма йæ: мах стæм хъæды сырдтæ, тынг уазал нын у æнæ хурæй. Баххуыс нын кæнут, цæмæй схъарм уæм!

Алан, дæ хорзæхæй, бафидар кæн хуры тын.

Зæгьма Алан , цал тыны бафидар кодтай хурыл(иу)?

Тынг раст!

Мæнæ ма ракæсут (экраныл разындысты хъæды сырдтæ), цы уынут экраныл? Загьут ма, цы хуынынц,уый! Кæм цæрынц? Уæдæ иумæ та цы хуынынц?

Мæнæ та хуры тын æд фыстæг! Бакæсæмæй.

Мах стæм хæдзарон фос æмæ стæм æххормаг! Сабитæ, цы хæрынц фос? (кæрдæг).

Æмæ кæрдæг цæуылнæ зайы?(хур на кæсыæмæкæрдæгнæзайы).

Бафидар ма кæнЛерæ хуры тын хурыл. Банымай ма цал тыны бафидар кодтам хурыл? (дыууæ)

Сабитæ, мæнæ хадзарон фос дæр фæзындысты, зæгьут ма цы хуыйнынц? Æмæ кæм цæрынц?(кæрты) Иумæ та? (хæдзарон фос). Сабитæ, мæнæ ацы хуры тыны фыстæг дæр бакæсæм. Фыссынц цъиутæ: махæн æнæ хурæй у зын тæхæн,бирæ уарзæм хур. Бафидар ма кæнæм хуры тын хурыл. Банымайæм, цал тыны бафидар кодтам хурыл? (æртæ) Мæнæ ма ракæсут, цъиутæ дæр цин кæнынц æмæ зарынц! Цавæр цъиутæ сты?(зæрватыкк-ласточка, дзывылдар-трясогузка, сауцъиу-скворец, жаворонок- зараг цъиу)Азарæм ма мах дæр цъиуты зарæг:

Цъви-цъви-цъиу-цъиу! (Сабитǽ лǽууынц)

Бǽласыл ныззарыдцъиу

Уалдзǽг, уалдзǽг тавы хур.(Ратǽх-батǽх кǽнынц)

Цъиу-цъиу-цъиу, цъыбар-цъыбур.

Æмдзæвгæ та чи бакæсдзæн?

ЗæрватыккБаситыМысост

Дзиба-дзиба зæрватыкк

Мæхи дзиба зæрватыкк

Рауай махмæ дӕ гаккæй

Бафсадæм дæ гагатæй.

Дарддæр балц кæнæм. Мæнæ та хуры тын, бакæсæм ма фыстæг. Дидинджытæн сæ бон æнæ хурæй нæу! Бафидар ма кæнæм хуры тын. Банымайæм, цал тыны бафидар кодтам хурыл?(цыпар)

Зæгьут ма, цы хуыинынц ацы дидинджытæ? Сабитæ,мæнæ мæм ис дидинджытæ лыггондæй. Сымбырд ма сæ кæнут æмæ зæгьут цы хуынынц.(джыджына- ландыш, зыр-зыраг-мак, рагдидинаг тюльпан)

Бафæлладыстут æвæццæгæн. Ахъазæм ма уæдæ!

«Хур æмæ цъиутæ»

Дарддæр нæ балц кæнæм.Сабитæ, мæнæ нанайы хæдзармæ арбахæццæ стæм! Мӕнӕ ма, чыргьӕды та та цы ис? (хъæдындзтæ).

Хæдындз та цæмæн хъæуы?

Судзаг у æви адджын?

Цавæр хуыз у? Æмæ цымæ нанайы цæмæн хъæуынц ацы хъæдындзтæ? Бафæрсæм ма йæ!

Нана, кæм дæ?

Мæнæ дæн, мæнæ! Мæнæ мæм цыдиссаджы уазджытæ æрбацыдысты! Агас цæут!

Дæ бон хорз ! Нана, ацы хъæдындзтæ дæ цæмæн хъæуынц?

Мæнæ зæгьын сæ асадзон æмæ мын рæстæг нæй! Мæ хуым дæр цæттæ у!

Нана, сабитæ дын аххуыс кæндзысты, ды нын бацамон, куыд садзгæ сты, уый.

Хъæдындзæн ис цъупп æмæ бын. Садзынæй хъæуы бынырздæм. Сабитæ, зæгьут ма, цы ис хъæдындзæн?(цъупп æмæ бын) Райсут ма хъадындзтæ æмæ равдисут, кæцырздæм сæ садзын хъауы, уый.

Тынг раст. Ныр та рацæуыт мæнæ хуыммæ æмæ сæ ныссадзæм!

Цǽмǽй хъǽдындз хорз ǽрзайа,уый тыххǽй ма йыл цыкǽнын хъǽуы?

Раст зǽгъут. Ныр сыл дон акæнæм, цæмæй фæхæцой!

Бузныг сабитæ,цы хорз мын аххуыс кодтат! Мидæмæ рацæуыт! Нана, цæуын нæ хъæуы рæвдауондонмæ! Фæлæууыт ма, ныртæккæ рауайдзынæн.

Сабитæ, цæмæй нанайæн йæ хъæдындзтæ æрзайой, уый тыххæй бафидар кæнæм хуры тын хурыл æмæ ма сæ банымайæм цал сты?(фондз) .

Батавæм мах дæр нæ къухтæ!

Схъарм уын сты?

Æнæ хурæй цæрæн ис!

Сабитæ, нæ балц уæ зæрдæмæ фæцыд?

Уæдæ ма зæгьут, кæмæн баххуыс кодтам? (нанайæн,хурæн, сырдтæн, фосæн, дидинджытæн, цъиутæн).

Нана рахаста лæвæрттæ.

Бузныг, нана! Нана, нæ сабитæ тынг бирæ уарзынц нӕ райгуырæн бæстæ æмæ ирон æвзагыл дзуырын. Лерæ бакæс ма æмдзæвгæ. Ныртæккæ ма дын кафгæ дæр акæндзысты!

Сабитæ, ныр та нанайæн æмæ нæ уазжытæн зæгьæм хæрзбон!

Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/472312-ualdzag

Тема: Уалдзаг

Урочы нысан: 1.Рацыд ӕрмӕг бафидар кӕнын;

2.Монологон ӕмӕ диалогон ныхасы куыст;

3.Рӕзын кӕнын уарзондзинад ӕрдзмӕ;

Æрдз хъахъхъаныны мадзалттӕ.

Урочы фӕлгонц: бӕрӕггӕнӕн сыф , карточкӕтӕ, интерактивон фӕйнӕг,.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг:

а) Дзæнгæрæг ныццагъта,( слайд1)

Райдыдта урок

Мах ирон æвзагыл

Базонӕм исты ног.

Уа бон хорз!

Æгас цу!

Салам раттӕм на уазджытӕн.

æ) Чи зӕгъдзӕн абон цы бон у? ,( слайд2)

Абон у цыппӕрӕм. ( Сегодня четверг.)

Знон уыди артыццаг. (Вчера была среда.)

Райсом уыдзан майрамбон.(Завтра будет пятница.)

Чи ранымайдзӕн куырийы бонтӕ?

( слайд3)

Ранымайӕм ма афӕдзы афонтӕ (Зымӕг — зима ,уалдзӕг – весна, сӕрд — лето, фӕззӕг – осень)

Цавæр афæдзы афон у ныртæккæ?

Чтобы узнать «Какое время года нам нужно разгадать кроссворд !» ,( слайд 4)

2Кросворд.

Роза — уарди, зырзырӕг — мак, малусӕг — подснежник, дзывылдар трясогузка, ӕрвдидинӕг — василёк, мырмырӕг- колокольчик.

Ссарын кроссворды уӕлдай дзырд .

Чи базыдта сӕйраг дзырд? Бакӕстут ма йӕ. ( слайд 5)

Абон нам уазагуаты арбацыди Уалдзаг .Мах дзурдзыстам ама касдзыстам уалдзаджы тыххай.Цамай йын махима хъалдзаг уа уый тыххай йын азарам зараг.

3.Фонетическая зарядка . ,( слайд 6)

Уалдзыгон зарӕг.

Цъывви-цъывви,цъиу-цъиу-цъиу!-

Бӕласӕй ныззарыд цъиу,

-Уалдзӕг, уалдзӕг, тавы хур,

Цъиу-цъиу-цъиу, цъыбар-цъыбур!

-Цъывви-цъывви, цъиу-цъиу-цъиу,

Ацы рттиваг, цыма, циу?

-Лӕппын сыфыл кафы хур…

-Цъиу-цъиу-цъиу,цъыбар-цъыбур!

4.Ног ӕрмӕгыл куыст.( слайд7)

«Наступила весна. Ралаууӕыд уалдзаг.

Проснулась природа. Æрдз райхъал.

Потеплело. Фӕхъармдӕр.

Снег тает от тепла солнечных лучей. Хуры тынтӕм тайы мит.

Появились первые цветы-подснежники. Фазындысты фыццаг дидинджыта-малусӕгтӕ.

Весной празднуем женский праздник. Уалдзаджы бӕрӕг кӕнӕм сылгоймӕгты бӕрӕгбон. Ребята поздравляют мам и бабушек. Сывӕллӕттӕ арфӕ фӕкӕнынц сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ са нанатӕн.

5.Развитие навыков и умений монологической речи.

Чиныгимӕ куыст. ( слайд 8)

Байгом ма кӕнут уӕ чингуытӕ.Æркӕсут ма нывмӕ иу хатт 6.Хинымӕр каст.

7Физминутка,( слайд 9)

8.Цӕггай каст хъӕрӕй.

9.Совершенствование лексических навыков учащихся.

Хъуыдыйады дзырдтӕ сӕвӕрын. ( слайд10)

10.Текстимӕ куыст. ,( слайд11)

Ралӕууыд ……. . …… мӕргътӕ. Сӕхицӕн бӕлӕстыл…….. .

8-мартъи у … … …. . Уыцы бон сывӕллӕттӕ … … сӕ мадӕлтӕн, са нанатӕн ама сӕ … .

Лӕвар сын кӕнынц … уардитӕ , малусӕгтӕ , джыджынатӕ.

8.Къӕйтты куыст : ,( слайд12)

1ныв. Цавар афадзы афон у нывы?

Нывы ӕвдыст цауы уалдзӕг.

2ныв. Куыд аивта ӕрдз уалдзӕджы ӕрцыдимӕ?

Хуры тынтам мит тайы.

3 ныв. Цы ми канынц мӕргътӕ?

Мӕргътӕ аразынц ахстӕттӕ.

4 ныв. Цавӕр уалдзыгон дидинджытӕ фӕзынд?

Фӕзындысты малусӕгтӕ — фыццаг дидинджытӕ.

5 ныв. Цавӕр бӕрӕгбон бӕрӕг каннӕм уалдзаджы фыццаг ?

Фыццаг уалдзыгон бӕрӕгбон у мадӕлты бон.

9.Тетрӕдты куыст.

Дзуаппытӕ фыссӕм тетрӕдты. Алы къай дар фыссы йӕхи хъуыдыйад тетрады.

(Резерв)

10. Ныр та нӕ уазджытӕн радзурдзыстӕм уалдзӕджы тыххӕй цы ӕмдзӕвгӕтӕ сахуыр кодтам, уыдон. ( слайд13)

Урочы хатдзагтӕ .

11. Нӕ зонындзинӕдты уыгӕрдӕн.(релаксация) ,(слайд14)

Мах абон бирӕ дзырдтам уалдзӕджы тыххӕй. Ныр та нӕ урокӕн хатдзӕгтӕ скӕнӕм. Кӕд урок уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ ног ӕрмӕг тынг хорз бамбӕрстат уӕд фӕйнӕгыл ныхасӕм бур дидинӕг. Кӕд урочы ног ӕрмӕг тынг хорз нӕ бамбӕрстат, уӕд фӕйнӕгыл ныхасӕм кӕрдӕгхуыз ӕмӕ сырх дидинджытӕ.

Ракӕсут ма, сабитӕ, цы рӕсугъд уыгӕрдӕн нын рауадис! Ацы уыгӕрдӕн у уӕ зонындзинӕдты ӕвдисӕн!

.( Бӕрӕггӕнӕнтӕ зӕгъын) Тынг хорз бакуыстат абон, бузныг уын!

( слайд15)

Ныр та ма нӕ уазджытӕн балӕвар кӕндзыстӕм уалдзыгон лӕвар ( дидинджытӕ).

                                                                                      Хозиты Эльвирæ

                                                                                Кучиты Юрийы номыл

         27-æм астæуккаг скъолайы,

                                                                   ирон æвзаг æмæ

 литературæйы ахуыргæнæг

Ирон æвзаджы урок

2-ӕм кълас

Ныхасы темӕ: Уалдзæг Ирыстоны.

Грамматикон темӕ: «Миногон (рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок».

 Урочы нысантӕ:

1.Рацыд  æрмæг фæлхат кæнын.

2.Фæлтæрæнты руаджы бафидар кæнын  миногонты  тыххæй зонындзинæдтæ : миногонтæ –антонимтæ æмæ миногонтæ-синонимтæ.

3. Скъоладзаутœн сœ зœрдœты гуырын кœнын стыр уарзондзинад œрдзмœ,афæдзы афонтыл  дзурын,  разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ:

    Предметон

– миногонтæ цы  сты ,уый  зонын;

– сæ  хъуыдымæ  гæсгæ  хæстæг  æмæ  ныхмæвæрд  миногонтæ иртасын;

    Метапредметон:

– урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

– хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын

    Регулятивон:

– сахуыр кӕнын сабиты ӕвӕрын сӕ размӕ конкретон ахуырадон хӕс.

    Коммуникативон:

– хъуамæ сахуыр уой къæйттæй,къордтæй кусын

– иумæйаг уынаффæ æрцæуын иумæ кусгæйæ

    Удгоймагон:

– хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын)

Урочы эпиграф:  

                                                                          Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

                                                                            Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

                                                                               Амонд, фарнимæ æрбакæс.

                                                                                 Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.

Баситы Мысост

Бацæттæгæнæн рæстæг

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæ урокмæ арбацыдысты  уазджытæ, салам сын раттут   æмæ нæ куыст райдайæм.

Урочы цыд

1. Мотивацион  хай

а) – Зæгъут ма ,сывæллæттæ, цавæр афæдзы афон  у ныртæккæ? (зымæг )

    – Цы у  уæ  бон радзурын  зымæджы тыххæй? ( слайд  )

(Сывæллæттæ  дзурынц  цалдæр  хъуыдыйады  зымæджы тыххæй)

æ) – Æркæсæм ма   хъуыдыйадмæ  æмæ  дзы ссарæм   миниуæгæвдисæг дзырдтæ  æмæ  сæм фæрстытæ  раттæм.  (слайд  хъуыдыйадимæ)

Бæлæстæ  лæууынц  сæ урс  къабаты  ног  чындзытау (урс ,  ног ).

 – Куыд  хуыйнынц  миниуæгæвдисæг  дзырдтæ ?(миногонтæ)

 – Цы у миногон ?

 – Уæдæ  абон нæ урочы мах  дзурдзыстæм  миногоныл, нæ хæс у миногоны  тыххæй цы æрмæг рацыдыстут, уый сфæлхат кæнын.

б) Сыгъдæгфыссынад æмæ  фæлхат  кæнын  миногон .

М  м  М  м

Миногон       миногон

-Чи зæгъдзæн  цы у миногон , цы æвдисы  æмæ  цавæр фæрстытæн  дæтты

дзуапп ?

2. Беседæ эпиграфы фæдыл

     Эпиграфæн  та равзæрстон Баситы Мысосты æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Бакæсæм – ма сæ.(слайд)

«Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

                                                                                – Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

                                                                               Амонд, фарнимæ æрбакæс.

                                                                                    Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»

Цыбыр беседæ.

– Уалдзæг цавæр циндзинад хæссы адæмæн?Байхъусын сывæллæтæм, уый фæстæ сæ хъуыдытæм æфтаугæйæ, скæнын хатдзæгтæ.

3.Текстимæ куыст.

 Ахуыргœнœг кæсы текст:

        Уалдзæг у афæдзы афонтæй рæсугъддæр.  Бæстæ, æрдз райхъал вæййы. Даргъ, хъызт зымæджы фæстæ цæрæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ радыгай нæ алыварс базмæлынц. Адæм уæлдай цин кæнынц уалдзæгыл. Бавналынц нæ дарæг зæхмæ кусынмæ. Мит атайы, зæхх схæмпус вæййы æмæ цæттæ вæййы ног цард райсынмæ, ног ‘взартæ суадзынмæ. Зæхх нæ мад у, нæ дарæг. Æмæ уалдзæджы куы барæвдауай зæххы, уæд фæззæг дæр уыдзæн бæркадджын.

а) Бæрæггонд  миногонтæм раттын фæрстытæ.

Физминуткæ

Кæсын  дзырдтæ  къæйттæй, хæццæйæ .

синонимтæ  — æмдзæгъд  кæнынц

антонимтæ — æрбадын

кæд  нæй  —  уæлæмæ – дæлæмæ  уæхсджытæ.

æ) Иутæм  дзы  ссарын  синонимтæ, иннæтæм  та антонимтæ.(слайд)  

Тетрæдты  фыссын.

Рæсугъд                    цыбыр

Даргъ                         зæронд

Ног                              фыдуынд

Хъызт                           хъæздыг        

Хæмпус                         уазал

Бæркадджын            фæлмæн

4. Карточкæтимæ  куыст  (сывæллæтты  адих  кæнын  3  къордыл , раттын сын карточкæтæ  æмдзæвгæты  скъуыддзæгтимæ )

-Кæцæй ист  сты  скъуыддзæгтæ , цавæр миногонтæ ис  рæнхъыты ?

1-аг  къорд

Хъæд  фæззæг – бæркадджын

 Халсарæй – къæбицау.

Дыргъ  сæкæрау  адджын

Сырдтæ  та  йæ  хицау.

(Токаты  А. «Фæззыгон хъæды нывтæ»)

2 –аг къорд

У мæхи дзæбæх гыццийау

Сæрд рæдау æмæ фæлмæн.

Уый йæ къæбицы лæвæрттæй

Арæх барæвдауы мæн.

(Чеджемты Геор «Сæрд»)

3-аг къорд

Мæнæ   урс  къуыппыл  мæ  разы                  

Цырд  лæппуйау дымгæ хъазы.

Уый  ныззилы, уый ныззары ,

Сабитыл  йæ  тых  фæлвары.

(Дарчиты Д. «Зымæгон»)

5. Хæс. Ссар уæлдай дзырд.(Дзурын афæдзы афонтыл слайдтæм гæсгæ)

    Скъоладзаутæ фыссынц миногонтæ, сæ ныхмæ та афæдзы афонтæ

 – Цæмæн сты  уæлдай ? Цавæр  афæдзы  афон æвдисынц алы рæнхъы дзырдтæ æмæ зæгъын цæй тыххæй  уарзæм  алы афæдзы афон дæр .

Уазал, урс, митгæлæбу, митын (слайд)

Малусæг, уалдзыгон , ног , хъарм (слайд )

Тæвд, бон, цъæх,  къæвдаджын  (слайд)

Халсартæ, бæркадджын, бур,хъæздыг (слайд)

6. Чиныгимæ куыст

(215-æм  фæлтæрæн   фысгæйæ )

Хатдзæгтæ

-Цæуыл дзырдтам нæ абоны урочы?  

-Сæ   хъуыдымæ  гæсгæ  цавæр  вæййынц  миногонтæ ?

 Кæронбæттæн :

а) Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

æ) Рефлекси     (Слайд )

Ӕз базыдтон…..

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….

Нӕ бамбӕрстон…

б)Х æдзармæ  куыст . (Слайд )

212-æм  фæлтæрæн

Ахуыргæнæг   скъоладзауты дих  кæны  3 къордыл , алы къордæн  æвдисы æмæ дæтты шарик

1 – урс  

2- сырх

 3- бур

  Цавæр сты  шариктæ уый дзурынц (тымбыл, рæсугъд, хъæлдзæг, урс , сырх , бур ,ирд , дымст ,фæлмæн)

– Иумæ  райсгæйæ  та ацы  хуызтæ  цы æвдисынц? (Слайд – ирон тырыса ).  Скъоладзаутæ  иумæ кæнынц  ирон тырысайы хуызтæ размæ рахизгæй

Хæдзармæ куыст : Ныфыссын  цыбыр нывæцæн уалдзæджы тыххæй æмæ дзы бахахх кæнын миногонты бын.

Ирон æвзаджы гом урок 9-æм «Б» къласы
DOCX / 29.76 Кб

16.05.19

Ирон æвзаджыгомурок 9-æм «Б» къласы

темæ:«Уалдзæг цинхæссæг»

          «Миногонтыбæрцбарæнтæ» (фæлхаткæнын)

ГБОУРФМЛИ

АхуыргæнæгДзасохтыМ.Ф.

Урочыэпиграф:

«Нæ урс хæхтæ,нæ тар хъæдтæ, Нæ хъал дæттыхъæлæс,

Нæ зад хуымтæ, цъæх быдыртæ, Нæ дидинæгджын фæз,» .

( Кочысаты М.)

Урочынысантæ:

1.Ахуырадон хæс:Ныхасыхайыминогонтыбæрцбарæнтæфæлхаткæнын.

2.Ныхасы рæзтылкуыст: Сывæллæттылексикæйыхъæздыгдзинадылкусын. Ахуыркæнынхибарæйхъуыдыкæныныл,хатдзæгтæкæнынæмæ хи хъуыдыæргомкæнын.

3.Хъомыладон хæс: Иронæвзагмæуарзондзинадгуырынкæнын. Разæнгардкæнынæрдзхъахъхъæнын.

Урочыфæлгонц: презентативонæрмæг, карточкæтæхæслæвæрдтимæ.

Урочыхуыз: ног æрмæгылкусыны урок.

Урочыцыд:

I.Бацæттæгæнæнрæстæг.

  1. -Уæ бон хорзсывæллæттæ.
  2. -Алыбонæгаснæмцæутнæзынаргъуазджытæ.

II.Зонындзинæдтыактуализаци.Мотиваци:

-Фæндымамæбакæсыниуæмдзæвгæ …

Ног та сулӕфыдизӕхх,
Быдырранӕй ран фӕцъӕх.
Бӕласакалдтасыфтӕр.
Хъуысы тракторы къӕр-къӕр.
Дзывылдардӕрнӕм ӕртахт,
Тынгылбацинкодтам мах.
У нӕмбулӕмӕргъдӕруазӕг,-
Уый та нӕм ӕрлӕууыдуалдзӕг!

-Уæдæуæмкуыдкæсы цæуылдзурдзыстæмабонурочы?

-Уалдзæджытыххæй !

-Уæдæнæурочытемæ у «Уалдзæг–цинхæссæг».

-Куыдæйæмбарут ?

— Уалдзæджырæсугъддзинадфенæниснывты, æмдзæвгæты.

-Хæдзармæуынуыдисхæслæвæрдсахуыркæнынæмдзæвгæтæуалдзæджытыххæй?

Ахуыргæнæг : Уæдæнæурочыэпиграфмæраздæхæм. Ссарæммадзыминогонтæ. Цалсты? Цыæвдисынц? Цавæрминиуæгамонынц?

( урс, тар,хъал,зад,цъæх, дидинæгджын.- хуызæмæхъæд).

Рафыссутсæуæтетрæдтæмæмæсæсæвæрутбарæнæмæ у æлахизонбæрцбарæнтыКъордтыкуыст . 1 хæс.

Къордтыкуыст . 2 хæс.

  1. Текст баххæсткæнминогонтæй.

Æзхъæдыфедтон малусæг. Тынг дидинæг у. Мæ мадæндзыскодтон баст. Уыймын хъæбысакодтаæмæдидинджытæ дурынысæвæрдта.

Дзырдтæспайдакæнынæн: урс, стыр,чысыл ,уарзон,рæсугъд.

  1. Текст баххæсткæнминогонтæй.

Уарзын дыргъдоныбæлæстыдидинджытæмкæсын.

Уыдонæнсæ дардмафæцæуы .Адæймаджырæуджытыахъарыæнкъарæнтææмæ зæрдæйæбавналыйæкуыстытæм.

Дзырдтæспайдакæнынæн: уалдзыгон, хæрздæф, æхсызгон, хъæлдзæг, хæдзары.

Къордтыкуыст . 3 хæс.

  1. Цы текст сарæзтат, уыйуырыссагæвзагмæратæлмацкæнут.
  1. текст. Я в лесу увидел белый подснежник. Это очень красивый цветок. Я нарвал для любимой мамы большой букет подснежников. Она обняла меня сладко и поставила цветы в маленький горшок.
  2. текст. Люблю смотреть на весенний цветущий сад. Аромат от них идет повсюду. Он проникает в легкие человека приятным настроением и я с радостью принимаюсь за домашние дела.

АхуыргæнæгЦымæуалдзæгйæхитыххæйцырадзурид?

Æмбисæндтылкуыст.

Уалдзæггуырæн  дуг.

Уалдзæг – рæсугъд, фæззæг – хъæздыг.

Уалдзæгцардырайсом.

Куыдсææмбарут?

Дзырдуатонкуыст:

Хæтын-скитаться; кочевать;странствовать,

Уæлгоммæ-лицом вверх;навзничь

Сгæллад-сукно

Удгоймаг-человек;сукно

Хъырнын–подпевать

Æрнæг-дикий, невозделанный(о земле)

Чиныгимæкуыст.

-текст бакæсын.

Беседæ тексты бындурыл:

-Уæдæцавæривддзинæдтææрцæуыæрдзымидæгуалдзæджы?

-Рæсугъдафæдзыафон у уалдзæг?

— Уалдзæгуæмцавæрæнкъарæнтæсæвзæрынкодта?

-Цавæруалдзыгонкуыстытæрайдайынцадæм?

-Сымах та куыдсæмбæлутуалдзæгыл?

4.Релоксаци  Ныртæккæдыууæкъордмæдæрратдзынæнфæйнæ предметы. Уæхæс- алчидæрйынзæгъæдиуминиуæг, фæлхатгæнæннæй. Кæцыкъордылæрзила предмет тагъддæр-уыйуыдзæн СÆРÆНДÆР! (афтидчысылкъопп, цъиу .)

5.Тест .

1.Быдыртæ сæхисфæлыстойалыхуызон: 
а) дыргътæй б) дидинджытæй

2.Адæм сæ ….. куыстытæкæнынц.
а) уалдзыгон б) фæззыгон 

3.Йæ урсбазыртыл сын æрхæссы…
а) сæрд æ) уалдзæг
4.Дидинджытæй фыццагдæрфæзыны:
а) уарди б) малусæг

5.Уæлдæф: 
а) фæхъарм б) фæуазал

-Тесты ссарутминогонтææмæ сын зæгъутсæбæрцбарæнтæ

7.Хæслæвæрттæ.

1.Дамгъæтæй сараздзырдтæ

Д,н ,д,и,г ,и, æ –дидинæг
л,у,а,дз, æ,г–уалдзæг
к,з,æ,р,в,т,а,ы,к– зæрватыкк
а,æ,с.г,у,м,л– малусæг

Р,дз,æ-æрдз

2.Бакæс дзырдтыкъордтææмæ
сæсаразхъуыдыйæдтæ.

1.Та,уалдзæг,æрцыдис,нæм!

Æрцыди та нæмуалдзæг!

2.Фестадис,дидинæг,бæстæ.

Бæстæдидинæгфестадис.

3.Цъæх,æрдз,дарæс,йæ,скодта.

Æрдзйæцъæхдарæсскодта.

4.Алыхуызон,зарынц,мæргътæ,хъæлæстæй.

Мæргътæзарынцалыхуызонхъæлæстæй.

3.Дзырдтæй дзырдбæстытæсаразут.Бафтауæмсæмминогонтæ .

1.чызг

2.булæмæргъ

3. скъоладзау

4.къæвда…

5.уалдзæг…

9.Урочы хатдзæгтæ. Рефлекси

Беседæ.

-Цæуылдзырдтамабонурочы?

-Цыбаззыдтамуалдзæджытыххæй?

-Сывæллæттæабонтынгхорзкуыстатæмæуынстырбузныг.

-Бæрæггæнæнтæсæвæрын

-Цыуæмфæкастцымыдисагурочы?

Урок уæзæрдæмæфæцыд?

— Уæдæнæ ног фембæлдмæ.

10.Хæдзармæ куыст: уалдзæджытыххæйVхæслæвæрдыæрмæгмæгæсгæдзурынзонын.

Понравилась статья? Поделить с друзьями:

Новое и интересное на сайте:

  • Уведомление на егэ где взять
  • Увауга экзамены для поступления
  • Уваровский кадетский корпус официальный сайт вступительные экзамены
  • Уважительные причины пропуска экзамена в университете
  • Уадыгэным къик1ыр сочинение

  • 0 0 голоса
    Рейтинг статьи
    Подписаться
    Уведомить о
    guest

    0 комментариев
    Старые
    Новые Популярные
    Межтекстовые Отзывы
    Посмотреть все комментарии